Википеди:Админтæ
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Википедийы админ у Википедийы ахæм архайæг, сæрмагонд бартæ æмæ хæстæ кæмæн ис. Админы бон у:
- статьятæ æппарын;
- раздæр æппæрст чи 'рцыди, уыцы статьятæ ногæй рацаразын;
- статьятæ сæхгæнын (зæгъæм, фæлхатуæвæг вандализмы ныхмæ, кæнæ та компромисс ссарыны рæстæгмæ);
- техникон фыстытæ ивын (ома, MediaWiki-йы нæмттæ ирон æвзагмæ тæлмац кæнын);
- вандалы митæ чи кæны, ахæм фыдгæнджыты Википедийæ иуварс кæнын.
Админтæн ницы уæлдай бартæ ис. Уыдон æндæр архайджытæй хуыздæр ницæмæй сты, нæй сын бар сæ цæстæнгас искæмæн тыхæвæрд кæнын. Ома, уыдон сты хуымæтæджы Википедийы архайджытæ, ницы уæлæмхасæн тых сын и.
[баив æй] Чи фидар кæны админты
Википедийы мидæг ис «бюрократтæ» кæй хонынц, ахæм адæм. Бюрократтæ, админы бынатмæ чи хъавы, уыдоны бавдистæм лæмбынæгæй кæсынц æмæ рахæссынц тæрхон.
Админы бынатмæ дæхи кæнæ æндæр адæймаджы бавдисын дæ бон у мæнæ ацы фарсыл: Википеди:Админадмæ курдиаттæ. Ног админы сфидар кæнынæн хъуамæ уа бындур.
[баив æй] Куыд ис админы йæ бартæй фæцух кæнын?
Админты сæ бартæй цух кæнынц мæнæ ахæм аххосты тыххæй.
- Рæстæгмæ админæн йæ рæстæг куы фæвæййы. Адæм ног проект куы райдайынц, уæд сæ хъæуы админад: техникон фыстытæ тæлмац кæнынæн. Уæд сын дæттынц рæстæгмæ админы бар: ома, Википедийы архайджытæй чидæр сси админ, фæлæ 30 боны кæнæ æндæр æмгъуыды фæстæ йæ админы бартæ фæуыдзысты.
- Админ нал зыны Википедийы. Афæдзы дæргъы чи нал зыны (ивддзинæдтæ нæ кæны) Википедийы, уымæн админæй баззайæн нæй, æмæ йæ аивынц. Админы куыст у мæрзæджы куысты хуызæн: куы нæ мæрза, уæд дзы пайда нæй.
- Википедийы дзыллæ админы митыл разы куы нал уа. Админ хъуамæ уа хорз ахастыты иннæ Википедийы архайджытимæ. Адæм админыл куы нал æууæндой, уæд йæ админадæн йæ кæрон æрцыди. Википедийы админы статус цæрæнбойнон нæу.
- Википедийы нысан æмæ фæтк хæлыны фæдыл.
Админы архайды тыххæй хъастгæнæн ис Метавикийы мæнæ ацы фарсыл: http://meta.wikimedia.org/wiki/Requests_for_permissions
[баив æй] Ирон Википедийы админтæ
2005-æм азы 7 мартъийы, WikiMedia-йы тæрхонмæ гæсгæ, Amikeco сси ирон Википедийы рæстæгмæ админ.