Æфсæнæрзæт
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Æфсæнæрзæт у æрдзон буаргъæдтæ, сæ мидæг æфсæйнаг (Fe) кæмæн ис æмæ уыцы æфсæйнаг ратайæн кæмæй ис, ахæмтæ. Ис магнетитон, гематитон, лимонитон, сидеритон æмæ æндæр æфсæнæрзæты хуызтæ.
Дунейы цы сгæрст æфсæнæрзæт ис, уый 160 миллиард тоннæмæ хæццæ кæны — уый мидæг ис 80 миллиард тоннæйы сыгъдæг æфсæйнаг. Дунейы фылдæр æрзæт ис Украинæйы, фæлæ се ’рзæт афтæ хорз нæу — уымæ гæсгæ фылдæр æфсæйнаг ис Бразили æмæ Уæрæсейы.
Сгæрст æфсæнæрзæт дунейы бæстæты:
- Украинæ - 19%
- Уæрæсе - 16%
- Китай - 13%
- Бразили - 13%
- Австрали - 11%
- Инди - 4%
- АИШ - 4%
- Æндæртæ - 20%
Æппæт дунейы сгæрст æфсæйнаг æрзæты мидæг:
2003-æм азы фылдæр æфсæнæрзæт чи экспорт кодта:
- Австрали - 186,1 милуан тоннæйы.
- Бразили - 184,4 млн. т.
- Инди - 55 млн. т.
- Канадæ - 27,1 млн. т.
- ХАР - 24,1 млн. т.
- Украинæ - 20,2 млн. т.
- Уæрæсе - 16,2 млн. т.
- Швеци - 16,1 млн. т.
- Хъазахстан - 10,8 млн. т.
Æдæппæт экспортгонд æрцыд 580 млн. т.
2003-æм азы фылдæр æфсæнæрзæт чи импорт кодта:
- Китай - 148,1 милуан тоннæйы.
- Япон - 132,1 млн. т.
- Хуссар Корей - 41,3 млн. т.
- Герман - 33,9 млн. т.
- Франц - 19,0 млн. т.
- Стыр Британи - 16,1 млн. т.
- Тайвань - 15,6 млн. т.
- Итали - 15,2 млн. т.
- Нидерландтæ - 14,7 млн. т.
- АИШ - 12,5 млн. т.