Фонемæ
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фонемæ у æвзаджы зæлон иуæг, морфемæтæ базонæн æмæ сæ иу иннæмæй хицæнгæнæн кæй фæрцы ис, ахæм. Морфемæтæ сты фонемæтæй конд, куыд сæ лыстæгдæр хæйттæй.
Фонемæ баиу кæны цалдæр зæлы (аллофоны). Зæгъæм, иронау [t] æмæ [tj] сты иу фонемы аллофонтæ, уырыссагау та — дыууæ хицæн фонемæйы (уый æвдисынц дзырдтæ бить/бит, шесть/шест).
Ирон æвзаджы ис 35 фонемæйы. Уыдонæй та 7 хъæлæсоны, 2 æрдæгхъæлæсоны æмæ 26 æмхъæлæсоны.