Фарниаты Ирбек
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фарниаты Валентины фырт Ирбек (райгуырд 12 январы 1982-æм азы) у уагъдибар хъæбысæйхæстæй чи хæцы, уыцы номдзыд ирон богъал.
Спорты сгуыхт мастер. Европæйы чемпион (2000), Европæ æмæ Уæрæсейы чемпионатты æвзист майданы байсæг.
Уæрæсейы командæйы уæнг 1998-æм азы фæстæдæр.
[баив æй] Фæрниаты мыггаджы тыххæй
Фæрниаты тыххæй ис ахæм таурæгъ: Куыртаты комы цардысты бирæ уæлдæр Дзывгъисæй (Хилакъмæ хæстæг). Стæй дыууæ æфсымæрæн цæмæдæр сæ мыггагимæ цыдæр хыл рауад, æмæ уырдыгæй ралыгъдысты. Фæндагыл дзы иу фæмард, æмæ иннæ та Дзывгъисæй гыццыл уæлдæр æрцард. Уæд æм Гутнаты хистæртæ бацыдысты æмæ йæ бафарстой, чи дæ, цы дæ, цы ми кусыс ам, зæгъгæ. Æмæ сын йæ цард радзырдта. Уæд ын Гутнатæ ахæм дзырд радтой: райсомæй, дам, хуры аныгуылдмæ цы кæрдæг ныккæрдай, гъе уыцы зæхх дæу фæуæд, зæгъгæ. Уый дæр кæрдын райдыдта. Æмæ ацыди кæрдгæ æмрæнхъ нæ, фæлæ уыцы зæххæн йæ алыварс. Хур аныгуылд, æмæ ма йын дзы хæрзгыццыл баззад, фæлæ йын йæ цæвæг райстой. Æмæ уæд йæхæдæг зæххыл бахауд, æмæ дыууæ кæроны баиу кодта. Гутнатæн дæр сæ бон ницыуал баци, æмæ йын уыцы зæхх радтой.
Гъе уыцы Фæрнионæй рацыд, Цæгат Ирыстоны цы Фæрниатæ цæрынц, уыцы къорд сæ мыггагæй. Ис ма Фæрниатæ Дыгурмæ дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны дæр.