Чырыстон дин
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Чырыстон дин (бердзенаг дзырдæй Χριστιανισμος), æртæ дунеон динтæй иу.
Чырыстон дин сæвзарди I æнусы Палестинæйы.
[баив æй] Киристон Сугъдæг Никъала æма Дигори изæд Уац Никкола
Рагон евгъуд рæстæги, астæугкаг æности киристон дини тæфагæ алантæбæл цудæй дууæ æрдигæй: Урум-Бердзенти паддзахадæй æма Гурдзистонæй. Уомæ гæсгæ ба киристон бæрæгбæнтти æма изæдти нæмттæ не ’взаги медæг фæззиндтæнцæ еци адæмти æвзæгутæй. Еу уæхæн изæд Иристони Уац Никкола, кенæ ба Никколай ном хæссуй. Фулдæр æй нимадтонцæ æма йимæ кувдонцæ Дигори æхсæн. Изæди ном Никкола, куд уруссаг Никола, равзурдæй бердзенаг Nikolaosæй. Еци ном хаста киристон сугъдæг Николай Мирликиаг. Гурдзиаг киристон дини æгъдауи медæг сугъд. Николай (Nik`oloz) уæхæн устур кадгин бунати ивæрд нæ адтæй.
Куд рабæрæг æй, уотемæй игъуст алайнаг финсти Зеленчуки дони билæбæл циртдзæвæнбæл, уоми дæр сугъдæг Николайи ном финст æрцудæй тæккæ райдайæни - Киристейи номи хуæдфæсте. Китаййаг рагон хроники дæр (Юан-ши, XIII æнос) аци ном финст æрцудæй куд алайнаг лæги ном - Негулай, зæгъгæ. Раздæри алайнаг адæмæй байзадæй изæди ном нæ синхаг æссæнттæмæ удда хъæрæсейæгтæмæ - Ныккола, Ныкола айы (уома, Никколай мæйæ).
Дигорæ кувдонцæ Никколамæ куд Уасгергимæ æма Уацелламæ. Никколай кувд/бæрæгбон кодтонцæ уалдзæги, маййи мæйæ 9-аг бони. Урусмæ дæр æй еци рæстæг нимадтонцæ (весенний Никола, зæгъгæ). Дигоргоми, Донифарси гъæуи сæрмæ ес хуæнхаг лæгæт, кæци нимад цæуй Никколай ковæндонæбæл. Бунæттон цæрæг адæм ами кодтонцæ берæ косæрттæ Никколай изæди номбæл, ма и ковуйнæгтæмæ арæх æртæхионцæ цæргæстæ: уома, изæди æрвист дан æнцæ. Берæ дигорон таурæхъти æма кадæнгути цæуй Никколай кой: Нарти кадæнгути, «Ацæмæзи зари» - Никкола иннæ изæдтæ ма идаугути хæццæ фæццæуй минæвари Ацæмæзæн Агунди рæсугъдмæ. Еу-ма зари дæр æ кой цæуй: «Уасгерги готондар адтæй, Никкола сæрбæл хуæцæг, Мадæ Майрæн муггагдзау, Хуари Уацелла ба муггагтауæг адтæй».
Киристон дини æгъдауи сугъдæг Николай нимад цæуй денгиздзаути идауæгбæл. Æма уой тухæн байзадæй еу рагон дигорон зар:
- Еухатт и мæгур адæм балци цудæнцæ и денгизи.
- Денгизæн æ астæумæ ку бацудæнцæ,
- Уæд сæбæл стур дунгæ ку ’рцудæй,
- Сæ науи син дортæбæл ку нимморæ кодта.
- Мæгур адæм еци рауæн ку исавдæнцæ..
- Уалдæнги уонæй еу мæгур лæг ку никковуй:
- - Уæй, Никкола, ку исæфæн аци рауæн!
- Дæ хуарззæнхæ нæ фæууæд, фæннæервæзун кæнæ!
- Ку нæ фæййервæзун кæнай, уæд дин кувддитæ фæккæндзинан,
- Уорс уæлитæ дин уорс кæркитау февгæрддзинан. -
- Еци сахат изæдтæ ма идаугутæ
- Хуцауи размæ æнхуæцæй дæр æмбурд адтæнцæ.
- Борæ нæлфус син кувдæн æргæвст ку адтæй.
- Уордæмæ Никкола мæгур лæги кувд ку фегъуста,
- Еци сахат изæдти астæуæй фæййаууон æй,
- И денгизмæ мæгур адæнмæ ниррæхсбетуй,
- И денгизæй мæгур адæми и сормæ ку ’рбаййевхæссуй.
- Сæ науæй дæр син фæйнæги æрхъез, зæгæли саст
- Исæфун нæ бауагъта, табу ин уæд.
- Уалдæнгæмæ изæдти кувд ку исцæттæ уй..
- Уотæ Никкола дæр æртæхдзагъдæй æрбалæудтæй...