Советон Цæдис
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
|
|||||
Девиз: «Æппæт бæстæты кусæг адæм, баиу ут!» | |||||
Фæзынд | 1922 азы 30 декабры | ||||
Советон Цæдисы фехæлд | 1991 азы 26 декабры | ||||
Æвзаг | уырыссаг | ||||
Сæйраг сахар | Мæскуы | ||||
Стырдæр сахартæ | Мæскуы, Ленинград, Киев | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Советон республикæ | ||||
Михаил Горбачёв Иван Силаев |
|||||
Фæзуат | 22 402 200 км² | ||||
Доны процент | 0,5 | ||||
Цæрджытæ | 293 047 571 | ||||
Иу квадратон километрæн | 13,08 | ||||
Интернет-домен | .su | ||||
Телефонон код | +7 | ||||
Сахатон таг | [[UTC+2…+12[1]]] | ||||
|
Советон Цæдис (Советон Социалистон Республикæты Цæдис, ССРЦ) уыд егъау паддзахад, Уæрæсейаг империйы фехæлды фæстæ чи фæзынди, уый.
Советон Цæдисы баиу сты 15 республикæйы:
- 1922-æм азы 30 декабры — Уæрæсе (УСФСР), Украинæ, Белорусси, Фæскавказаг Советон Федеративон Социалистон Республикæ (1936-æм азы ФСФСР ныддих æрцыд æртæ хицæн республикæйыл: Азербайджан, Сомих æмæ Гуырдзыстоныл);
- 1925-æм азы — Узбекистан æмæ Туркменистан;
- 1929-æм азы — Таджикистан;
- 1936-æм азы — Хъазахстан æмæ Хъиргъиз;
- 1940-æм азы — Молдави, Латви, Литва æмæ Эстони.
Иу рæстæг уыдис 16-æм цæдисон республикæ дæр — Карело-Финнаг ССР, фæлæ 1954-æм азы уый сси Уæрæсейы автономи (Карелаг АССР).
1991-æм азы, йæ фехæлды агъоммæ, Советон Цæдисы фæзуат уыд 22 млн. км2. Абарынмæ, Цæгат Ирыстоны фæзуат у 8 мин км2, ома 2750 хатты къаддæр.