Къофи
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Къофи (араб. قهوة) у тæвд нозт, чиндæуы къофийы бæласы сурвых нæмгуытæй.
Къофийы нæмгуытæй фæццаг пайда кодтой Эфиопийы. Уырдыгæй, эфиопаг тыхæйисджытимæ, къофи араббаг дунемæ бафтыд, стæй — XVII æнусы — Веницимæ æмæ Европæйы æндæр хæйттæм.
Дунейы алы аз дæр нуазынц цыппар сæдæ миллиард къусы бæрц къофи. Уымæй къофи у æндæр нозтыты ’хсæн популярондæртæй иу.
[баив æй] Литературæ
- Абатуров П. В., Цыпленков Н. П., Митюрин Ф. С. Сладкие блюда и напитки. — М.: «Экономика», 1972.
- Завистовска З. Домашние напитки. /Пер. с польского. — М.: изд-во «Пищевая промышленность», 1969.
- Ворд М. 100 рецептов приготовления кофе. /Пер.с англ. — М.: «Крон-пресс», 1995.
- Книга о вкусной и здоровой пище. — М.: изд-во «Пищевая промышленность», 1963.
- Плужников И. И. Чашка кофе. — М.: изд-во «Пищевая промышленность», 1967.