Гатуты Дзахо
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гатуты Дзахо уыд ирон фольклорист æмæ поэт.
1932-æм азы чиныгуадзæн «Академия» рауагъта хицæн чиныгæй ирон даредзанты таурæгътæ: уырыссаг æвзагмæ сæ раивта æмæ сæ поэтикон æгъдауæй бакуыста Гатуты Дзахо. Даредзанты таурæгътæн сæ сæйраг хъайтар уыд Амыран, æмæ Гатуйы-фырт дæр йæ тæлмацы схуыдта уыцы номæй. Тæлмацгæнæг йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ «Амыраны» сюжет уый систа Хуссар Ирыстоны даредзанты таурæгътæй.
Кæс: Хуссар Ирыстоны фольклор.