Гагрæ
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гагрæ (абх. Гагра, гуырдз. გაგრა) у курортон сахар Абхазийы, Сау денджызы былгæрон. Хæсты агъоммæ Гагрæйы цардысты 26 мин 636 адæймаджы (1989), ныр та сæ нымæц фæкъаддæр.
Æрвылаз Гагрæмæ æрбацæуынц мингай туристтæ: сæ фылдæр хай Уæрæсейæ, уыдонимæ Ирыстонæй дæр.