Сæйраг фарс/Ног æвæрд
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Википеди у сæрибар бирæвзагон энциклопеди. Иронау байгом ис 2005-æм азы 28 февралы, уæдæй нырмæ уый райрæзти 2048 статьяйы онг. Алкæй бон дæр у Википедийыл архайын: ис дзы амал кæмæнфæндыдæр кæцыфæнды статьяйы ивддзинæдтæ кæнын, кæнæ та йæ æххæст кæнын.
Ирон æвзагыл стыр энциклопедитæ фыст никуыма æрцыдис. Гъе уæдæ, иумæ бацархайæм, не ’взаг алцæмæ рæвдз кæй у, уый равдисыныл.
|
|
|
|
Боны нывИрыстоны хъæутæ æмæ сахартæАлагир – Æрыдон – Æхсæрисæр – Беслæн – Джызæл – Дзау – Дзæуджыхъæу – Дзуарыхъæу – Донифарс – Заманхъул – Зилгæ – Змейкæ – Знауыр – Елхот – Иран – Кæрдзын – Комгæрон – Къуайса – Лескен – Майрæмадаг – Мæздæг – Нар – Октябрыхъæу – Ставд Дуртæ – Тарскæй – Толдзгун – Фаснал – Хъæдгæрон – Црау – Цхинвал æмæ æндæртæ Дынджыргомау статьятæ
æмæ æндæртæ. |
Статьяйы дæнцæгГаглойты Владимир у зынгæ ирон фыссæг: прозаик, драматург æмæ публицист. Райгуырдис 1927-æм азы 1 февралы Хуссар Ирыстоны Додоты хъæуы. Йæ сабийы бонтæ дæр Додоты хъæуы арвыста. 1946-æм азы каст фæци Зарыхъæуы астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон филологийы факультеты æмæ йæ каст фæци 1951-æм азы. Уыцы аз кусын райдыдта рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй. Фæлæ йын литературæйыл сагъæс æнцой нæ лæвæрдта æмæ иу азы фæстæ 1952-æм азы ахуыр кæнынмæ ацыд Мæскуйы Горькийы номыл литературон институтмæ æмæ йæ каст фæцис 1957-æм азы æнтыстджынæй. Уыцы азæй 1961-æм азмæ куыста Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон театры литературон хайады сæргълæууæгæй. Уый фæстæ рацыд рауагъдад «Ирыстон»-мæ сæйраг редакторæй. Гаглойты Владимир 1968-æм азы кусын райдыдта журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редакторæй æмæ дзы фæкуыста 1976-æм азы онг. Уый фæстæ йе ’нæниздзинад фæцудыдта, уый тыххæй ацыд Мæскуымæ рæстæгмæ цæрынмæ. Фæлæ рынчынæй æнцой нæ лæууыд. Куыста лекторæй, ирон фæсивæдæй Мæскуыйы театралон институты чи ахуыр кодта, уыдонæн, кастис лекцитæ ирон æвзаг æмæ литературæйæ. Гаглойты Владимир бирæ рæстæджы уæззау рынчыны фæстæ амард Мæскуыйы, 1996-æм азы 12 февралы. Баныгæдтой йæ Цхинвалы. Йе ’нæмæлгæ сфæлдыстад егъау ахъаз у ирон аивадон литературæйы прозæ æмæ драмæйы жанрты бæрзонд къæпхæныл сæвæрынæн. Гаглойы-фырты кадæн Цхинвалы уынгтæй иу (кæддæры Чавчавадзейы уынг) 2003-æм азæй фæстæмæ сси Гаглойы-фырты уынг. Йæ пьесæты фыццаг чиныг мыхуыры рацыд 1954-æм азы. Хуынгæ дæр кодта «Пьесæтæ», зæгъгæ. Йæ пьесæты дыккаг чиныг та рацыд 1958-æм азы. Гаглойты Владимир у мæнæ ахæм прозаикон уацмысты автор: «Дæ амонды тыххæй», «Ныййарæджы кадæг», «Уарзондзинады кадæг», «Иунæджы кадæг», «Æнæбасæтгæ адæм», «Зæрдæйы сагъæстæ», «Адæмæн зæхх у сæ дарæг», трилоги «Дæ амонды тыххæй», «Гъе мардзæ исчи» æмæ бирæ æндæртæ. Цалдæр егъау уацмысы йын рацыдис уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй. Йæ роман «Пробуждение»-йæн уыдис стыр æнтыст, æмæ йæ стыр цымыдисæй кастис уырыссаг чиныгкæсæг. Йæ уацмысты аив вазыгджын фæлгæнцтæ никуы сæфтдзысты ирон чиныгкæсджыты зæрдæтæй. Гаглойты Владимиры драмæтæ «Сыгъзæрин фæткъуы», «Ныййарæджы кадæг», «Уарзондзинады кадæг», «Зæххон хуыцæуттæ», «Тугæйдзаг чындзæхсæв» æмæ æндæртæ æнтысгæйæ æвæрд цæуынц Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны тетры репертуарты. Йæ трагеди «Ныййарæджы кадæг» æвæрд æрцыдис Рязань æмæ Киевы горæтты уырыссаг театрты репертуарты. |
|||||||||||||||||||
Википеди æндæр æвзæгтыл2006 азы сентябры статистикæмæ гæсгæ. Стырдæр Википедийы хæйттæ (цыппарыссæдз мин статьяйæ фылдæр кæм ис): Кавказы æвзæгтыл Википедитæ: Фонд Викимеди æрмæст Википедийы куыст нæ кæны. Уыцы фонды фæрцы фæзындысты æндæр сæрибар бирæвзагон проекттæ дæр:
|