Мæздæг
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мæздæг (уырыс. Моздок) у Цæгат Ирыстоны Мæздæджы районы сæйраг сахар. Цæрынц дзы 42,9 мин адæймаджы (2003). Йæ цæрджыты нымæцмæ гæсгæ республикæйы ахсы дыккаг бынат.
Сæ адамы хаттмæ гæсгæ мæздæггæгтæ сты уырыссаг — 62,73%, ирон — 7,66%, сомихаг — 6,12%, хъумыхъаг — 4,55%, цæцæйнаг — 4,25%, кæсгон — 3,16% æмæ корейаг — 2,39%.
Сахары бындур æвæрд æрцыд 1759-æм азы, сахары статус та Мæздæг райста 1785-æм азы.
Мæздæджы ис дæс астæуккаг скъолайы, музыкалон скъола, бæстæзонæн музей, театр.
Цæгат Ирыстоны сахартæ | ||
Сæйраг сахар: Дзæуджыхъæу |