Цæрукъаты Алыксандр
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Цæрукъаты Алыксандр (райгуырд 1918-æм азы 12 декабры, амарди 2000-æм азы 12 декабры) уыд ирон поэт æмæ бирæ чингуыты редактор.
Каст фæци Цæгат Ирыстоны педагогон институт (ныр ЦИПУ), уый фæстæ та — Литературон уæлдæр скъола Мæскуыйы.
Поэтæн йæ зындгонддæр чиныг у «Арвæрдын» (1959). Уыцы чиныджы тыххæй Джыккайты Шамил афтæ загъта:
- Достоевский дзырдта йæ фæлтæры номæй: «Мах не ’ппæт дæр рацыдыстæм Гоголы „Цинел“-æй». Мæ бон у фидарæй зæгъын: мæ фæлтæр рацыдысты „Арвæрдын“-æй. Уый фæрцы поэзи басаста риторикæ, философон хъуыды фæуæлахиз догмæтыл, поэтикон дзырды бацыд уд æмæ цард.