Курттаты ком
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Курттаты ком у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хай. Бынæттон хиуынаффæйады администраци у Уæллаг Фыййагдоны; уымæн цы хъæутæ хауы, уыдонæй цæрджытæ кæм ис сты: Уæллаг Фыййагдон, Барзыхъæу, Лæц, Дæллагхъæу, Уырыхъæу, Цымыти, Хидыхъус, Хохы Дзуарыхъæу, Хæрисджын, Дзывгъис æмæ посёлок Хуссайраг. Æдæппæт ацы хъæуты цæры 1450 адæймаджы.
[баив æй] Æдзæрæг хъæутæ
Курттаты комæй бирæ хъæутæ федзæрæг сты. Уыдоны 'хсæн Хилакъ, Гули, Къадат, Къора, Ацонæга.